- Язык:
Осетинский (Ирон)
- Автор:
Инал Плиев
Ӕз конквиста́дор дӕн ӕфсӕйнаг згъӕры...
Ӕз конквиста́дор дӕн ӕфсӕйнаг згъӕры,
Ӕз м‘ амонд агур хъӕлдзӕгӕй цӕуын,
Ӕз куы мӕ тӕвд хид сӕрсӕфӕнты згъалын,
Куы та зӕрдӕрай дыргьдоны лӕууын.
Куыд тар у ‘рнӕг арв cay мӕйдар ӕхсӕвы!
Цъӕх фæлм ӕмбӕрзы... ‘Нӕдзургӕ лӕууын,
Уырны мӕ, уарзт ыссардзынӕн, бӕгуы!
Ӕз конквиста́дор дӕн ӕфсӕйнаг згъӕры,
Кӕд бонӕй ма уа стъалытӕн дзырдтӕ,
Уӕд скӕндзынӕн мӕхи бӕллиц ӕз дӕр,
Мӕ тохты зард ӕй райсдзӕни уацары.
Тымыгътӕ, сӕрсӕфӕнты ‘фсымӕр дӕн,
Мӕ хӕстмондаг фӕлысты быд уыдзӕн
Ӕрвгъуыз хъоппӕг, нӕ атагъаты стъалы.
Перевод стихотворения Николая Гумилёва «Я конквистадор в панцире железном…» на осетинский язык.